Похожее видео
Ӕппӕтадӕмон конкурс- æркаст Уарзын дæ ирон æвзаг!-ы уӕлахидзауты абон схорзӕхджын кодтой Дзӕуджыхъӕуы. Мадзал сбастой ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бонимӕ. Конкурс арӕзт у сывӕллӕтты журнал Ногдзау-ы хъӕппӕрисӕй. Бацархайдтой дзы скъоладзаутæ ӕмӕ рæвдауæндӕтты хъомылгæнинæгтæ. Ӕдӕппӕтӕй 300 сывӕллоны. Алчидӕр дзы равдыста аив дзырды дӕсныйад мадӕлон ӕвзагыл. Уӕлахиздзаутӕ хорзӕхгонд ӕрцыдысты кады гӕххӕттытӕ ӕмӕ зæрдылдарæн лӕвӕрттӕй.,
Похожее видео